«Европаг Социалистты Парти» разы  у инициативæимæ, ома Гиги Угулавайы  хъуыддаг  бацахуыргæнæг  мисси Гуырдзыстонмæ æрцæуæд æрвыст
«Европаг Социалистты Парти» разы у инициативæимæ, ома Гиги Угулавайы хъуыддаг бацахуыргæнæг мисси Гуырдзыстонмæ æрцæуæд æрвыст

«Европаг Социалистты Парти»  разы  у инициативæимæ, кæцыйы фæлгæтты, Гиги Угулавайы  хъуыддаджы  дарддæры  равзарыны  нысанæй,   Гуырдзыстонмæ  æрвыст æрцæудзæн   европарламенты  сæйраг   политикон   къордты  минæвар парламентартæй  конд фактты баахуыргæнæг   мисси.

Уый фæдыл  парти  фыссы  сæрмагонд  веб-фарсыл.

Информацийы  куыд  у банысангонд афтæмæй,   æмбæлон  инициативæйæ   фыццаг рацыдысты   Тбилисы  мэр Каха  Каладзе æмæ «Гуырдзиаг Бæллицц- Европаг Социалистты Партийы»  цæстдарæг   уæнг,   «Европаг гуырдзыстоны»   лидеры æмæ ныр  оппозиционер  Гиги Угулавайы хъуыддагыл  тæрхонон процессы  алыварс  карз дебаттæ  куы райдыдтой  уый фæстæ.

«Райгонд стæм  Гуырдзыстоны расттæрхоны  системæйы рухсдзыддзинад фæхуыздæры  æрдæм арызт ацы  къахдзæфæй. Ацы мисси,  кæцыйæн разамынд кæндзысты  нæ коллегæтæ  социалистты  æмæ   демократты  альянсæй  æмæ европæйы   адæмон партийæ,  стыр  хайбавæрд скæндзæн  ацы  хъуыддаджы  лæмбынæг  бацахуыр æмæ  аргълæвæрды» –  райхъусын кодта   «Европаг  Социалистты  Партийы»  президент, Сергей  Станишев.