«Европаг Гуырдзыстон», «Стратегиа Агъмашенебели», «Гирчи» æмæ «Лело» иумæйаг фидиуæн аразынц
«Европаг Гуырдзыстон» «Стратегиа Агъмашенебели» «Гирчи» æмæ «Лело» аразынц иумæйаг фидиуæн.
Фидиуæны куыд у банысангонд афтæмæй, фæнысангонд партитæ нæ хъавынц æвзæрстыты фæстиуджытыл бафидауын, дыккаг туры хайад райсын æмæ парламентмæ бахизын.
«Мах ноджы иу хатт хъусын кæнæм нæ хъæддых позици, ома нæ хъавæм фальсифициргонд æвзæрстыты фæстиуджытæ банымайын, дыккаг туры хайад райсын æмæ æнæлегитимон парламентмæ бахизын. Дарддæр кæнæм сабырадон протест фальсифициргонд æвзæрстыты ныхмæ. Нæ æркуырд у æнæивгæ – æвзæрстыты ногæй ауадзын, ЦÆК администраци раивын æмæ политахæсстты ссæрибар кæнын. Растдæр ацы фарстыл хъуамæ цæуа диалог Иванишвилийы режимимæ Гуырдзыстоны æхсæнадæмон хæоæлртты æхсæны бацыдæй. Курæм МХМ-йæ ма бауадзæт политикон тыхты хæстæг контакт митинггæнджытимæ, уымæн æмæ сæ компетенци æмæ фæлтæрддзинад æгъгъæд нæу ацы типы уавæрты эффективон æмæ закъоны фæлгæтты контрол кæнынæн.
Курæг стæм сабырадон манифестанттæй, уый нымæцы кæцыфæнды политикон къорды фарсхæцджытæй, рæстагæй мæсты чи сты фалсьфициргонд æвзæрстытæй æмæ хицауады æрдгæй тыхмидзинадæй, ма бахизæт физикон конфронтацимæ пъæлицæйимæ. Афтæ чи архайдзæн чи фæнды дæр уæд уый, йæхæдæг рацух кæндзæн йæхи сабырадон протесты фæлгæттæй. Цæттæ стæм дæргъвæтин æмæ сабыр протестмæ. Нæ протесты тых ис сабырадон архæйдтыты. Оппозицийы иумæйаг бадзырдæй дарддæры протест уыдзæн 14 ноябры Тбилисы, 21 ноябры та фальсифициргонд æвзæрстыты дыккаг фиктивон туры рæстæджы, сабырадон удæгас рæхыс» дзырдæуы фидиуæны.