Европæйы Уацхæссджыты Цæдис журналисттæм лæбурды кой кæны æмæ Гуырдзыстоны хицауадмæ æрсидтис, сифтонг кæна медийæн æдас кусæн уавæр
Европæйы Уацхæссджыты Цæдис (EBU) Тбилисы абон ацæугæ акцийыл журналисттæм лæбурды кой кæны æмæ Гуырдзыстоны хицауадмæ æрсидтис, сифтонг кæна медийæн æдас кусæн уавæр.
Социалон хызаг «Твиттеры» публикацигонд фидиуæныл Европæйы Уацхæссджыты Цæдис бафтыдта Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы ахæлиугонд фидиуæн, кæцыйы мидæг журналистты ныхмæ тыхмидзинад фауы.
«Журналисттæм, кæцытæ Тбилисы, прайды ныхмæ демонстрацитæ рухс кодтой, балæбурдтой сæм митинггæнджытæ, госпитализацигонд у Гуырдзыстоны Æхсæнадон Уацхæссæджы оператор. Тызмæг фауæм тыхмидзинад æмæ курæг стæм Гуырдзыстоны хицауадæй, сифтонг кæнæт æдас кусæн уавæр алы медиафæрæзтæн», – дзырдæуы Европæйы Уацхæссджыты Цæдисы фидиуæны.