Европæйы хосты агентад авторизаци скодта Johnson & Johnson-ы «Ковид-19»-ы ныхмæ вакцинæ
Европæйы хосты агентад «Johnson & Johnson»-ы «Ковид-19»-ы ныхмæ вакцинæ авторизаци скодта. Johnson & Johnson ссис цыппæрæм вакцинæ, кæцыйæ Евроцæдисы территорийыл пайда кæндзысты.
Deutsche Welle –ы информацийæ, Бельгийы уæвæг «Janssen»-ы фармацевтон компанийы арызт вакцинæ æндæр бæлвырд вакцинæтæй уымæй хъауджы у, æмæ вакцинацийæн хъæуы æрмæст иу дозæ.
Евроцæдис Johnson & Johnson-ы вакцинæйы 400 милуан дозæ балхæдта.
Глобалон иртæст равдыста цæмæй «Ковид-19»-ы æндæр æмæ æндæр штамты превенцийæн, вакцинæйæн ис 66 процентон эффективондзинад, адæймæгты уæззау инфекцитæй бахъахъхъæнынæн та 85% эффективон у.