«Европæйы Адæмон Парти» Гуырдзыстоны хицауадæй домы Михеил Саакашвилийы æмбæстагон рынчындонмæ фæхæццæ кæнын
«Европæйы Адæмон Парти» Гуырдзыстоны раздæры президент, Михеил Саакашвилийы æмбæстагон рынчындонмæ аргъæвын домы. Уый фæдыл банысангонд у «Твиттеры» партийы фарсыл.
«Мæтæйдзаг стæм Михеил Саакашвилийы æнæниздзинады уавæры фæфыддæры тыххæй ахæлиугонд хъусинæгтæй.
Курæг стæм Гуырдзыстоны хицауадæй, куыд гæнæн ис авæстиатæй фæхæццæ кæнæт раздæры президент Михеил Саакашвилийы æмбæлгæ æмбæстагон рынчындонмæ; уый нæ саразынæй хицауад бæрнон уыдзæн йæ æнæниздзинады уавæры цыфæнды фæфыддæрыл» – банысангонд у партийы куырдиаты.