«Евроньюс» Гуырдзыстоны цæугæ протестон акциты фæдыл публикаци кæны статий
«Евроньюс» Гуырдзыстоны цæугæ протестон акциты фæдыл, публикацикæны уæрæх статий. Рауагъдады публикацигонд статийы сæргонд у «Цæмæн фæнды мингай демонстранты Гуырдызстоны æмгъуыдагъоммæ æвзæрстыты снысан?».
«Евроньюс куыд фыссы афтæмæй, зæгъгæ протестон акцитæ Тбилисæй дарддæр, ацыдысты Мцхетайы, Зугдиды, Поты, Телавы æмæ Озургеты.
«Активисттæ муниципалон æмæ хицауадон бæстыхæйтты пикет скодтой. Ацы архæйдтытæ Гуырдзыстоны премьер-министр бафаудта. Гиорги Гахариа райхъусын кодта, цæмæй зæгъгæ хъуыды разагъды сæрибар Гуырдзыстоны хъахъхъæд у закъонæй, фæлæ æнæзакъонон пикетир кæныны цауы, паддзахадон институттæ æмæ пъæлицæй афтæдæр закъоны фæлгæтты архайдзысты» – дзырдæуы статийы.
Публикацийы бавдыст у Германийы сахар Гисены университеты аналитикты хъуыды, кæцымæ гæсгæ, акцитæ Гуырдызстоны адарддæр уыдзысты, сæрмагондæй та уыцы цауы, кæд хицаугæнæг партий, акцийы хайадисджыты ныхмæ тыхæй спайда кæндзæн.
Статийы афтæдæр дзырдæуы, цæмæй 2019 азы Гуырдзыстоны протестон акциты уылæн фыццаг нæ уыд æмæ демонстрацитæ июны дæр цыдысты.
«Афтæ куыд Советон цæдисы алы раздæры республикæйы, ахæмты, цахæм дæр сты Украина æмæ Гуырдзыстон, политикæ дихгонд у Европæимæ æрыввахсы æмæ Уæрæсейы фарсхæцджыты æхсæн» – дзырдæуы статийы.