Еврокомиссийы хъусын кæнынц, цæмæй Евроцæдис алцыппæт аразы, цæмæй Суданы уæвæг европаг æмбæстæгты æдасдзинад хъахъхъæд уа
Евроцæдис алцыппæт аразы, цæмæй Суданы уæвæг европаг æмбæстæгты æдасдзинад хъахъхъæд уа – уый фæдыл фидиуæн Еврокомиссийы пресспикер абон брюсселы прессконференцийы сарызта.
Набила Масралы дзырдæй, аыцтæккæ Суданы æнхъæлцау Евроæдисы цалдæр сæдæ æмбæстаг ис æмæ Евроцæдис кусы уæнг падзахадтимæ иумæ, цæмæй сæ æдасдзинад хъахъъхæд уа.
Еврокомиссийы афтæдæр хъусын кæнынц, цæмæй Евроцæдис фарсытæм æхст фæуромынмæ æмæ сабыр бадзырдтæ сног кæнынмæ сиды.
Суданы бæстæйы æфсады æмæ æфсæддонгомау къорд «Цырд æххуысы тыхты» хæцджыты æхсæн быцæуæьбæлдтæ дарддæр кæнынц. Æхсæнадæмон медиа куыд фыссы афтæмæй, фæстаг бæрæггæнæнтæй, амард 100-йæ фылдæр адæймаг, 600-йæ фылдæр та цæфтæ сты.