Еврокамисы аргълæвæрдæй, Гуырдзыстон визалиберализацийы домæнтæ æмæ йæхимæ цы хæстæ райста уыдоны æппæт æххæст кæны – уый фæдыл дзырдæуы абон публикацигонд хыгъдлæвæрды, кæцыйы мидæг еврокамис аргъ дæтты визæты либерализацийы бадзырдæй зæрдылдард хæстæ сæххæстæн аст бæстæйы, сæ нымæцы Гуырдзыстоны дæр.
Документы мидæг дзырдæуы, цæмæй æнæлегалон миграцийы æрдгæй, архайæг расидтытæм æнæкæсгæ, Гуырдзыстоны æмбæстæгты цауы, Евроцæдисы территорийыл æнæзакононæй баззайыны æмæ уæнг паддзахадтæм бахизыныл лæвæрд нæзагъды бæрæггæнæнтæ стабилон нысаныл лæууынц.
«2016 азы дыккаг æрдæджы æмæ 2017 азы астæу, статистикон бæрæггæнæнтæ æвдисынц, цæмæй Гуырдзыстонæй хиæмбæхсæн агурджыты нымæц нæ фæфылдæр. Евроцæдисмæ бацæуыныл лæвæрд нæзагъды цаутæ 39% фæкъаддæр сты. 2015 азы ацы нымæц æххæссыд 1330-мæ, 2016-æм азы 819-мæ. 3%-æй фæкъаддæр ис афтæдæр Европæйы æнæзакъононæй уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгты нымæц дæр. 7,2 процентæй райрæзт уыцы адæймæгты нымæц, кæцытæ Евроцæдисмæ басидтысты хиæмбæхсæн раттыны куырдиатæй. 2015 азы сæ нымæц уыдис 8110, æрмæст 2016-8700.
Афтæма æнæивгæйæ баззад уыцы æмбæстæгты нымæц, кæцытæ Европæйы райстой хиæмбæхсæн. 2015 азимæ абаргæйæ, 12%-æй фæкъаддæр ис Гуырдзыстоны уыцы æмбæстæгты нымæц, кæцытæй æркуырдтой Евроцæдисы территори ныууадзын. Ацы рæстæджы æмбæстæгты 55,9% ацы æркуырд сæххæст кодтой.
Æнæкæсгæ уымæ цæмæй фыдыбæстæмæ æрыздæхджыты æвжисæг абаргæйæ цъус у,Евроцæдисы уæнг бæстæтæ реадмиссийы фæлгæтты Гуырдзыстонимæ æмгуыстад схуыдтой тынг хорзæй. 2016 азы реадмиссийы фæдыл куырдиæтты фылдæр сыххæст кодта Гуырдзыстоны хицауад» – дзырдæуы хыгъдлæвæрды.
Еврокамисы хаххгондæй банысан кодтой цæмæй Гуырдзыстон, 2016-2020 азты имиграцион стратегийы архайадон паны сыххæсты баххæссыд стыр прогрессмæ æмæ дарддæр кæны визæты либерализацийæ химæ цы хæстæ райста уыдоны æххæст кæнын.
«Гуырдзыстон ауагъдта æхсæнадон националон информацион кампани æмæ æнæвизæ режимы фæткъæвæрды фæдыл трейнингтæ. Афтæдæр мониторинг кæны Шенгены зонæмæ бæлццонтæн» – дзырдæуы хыгъдлæвæрды.
Ацы рæстæджы документы хаххгонд у, цæмæй 2017 азы хиæмбæхсæн агурджыты куырдиæтты нысаниуæгджын хайæн Гуырдзыстоны нæзагъд æрцыд.
«Уый æфсонæй арæх бавдисынц националон æдасдзинадимæ баст фарстытæ. Ай та мæтæфтауæг у æмæ хъæуы æнæмæнг реагиркæнын» банысангонд у хыгъдлæвæрды.