Еврокамис Европæмæ æнæфидгæйæ балц кæнын кæй фæнды, ахæм 18 аздзыд кары ææвзонгты сфинанс кæндзæн поезды æнæаргъ билеттæй
Еврокамис Европæмæ æнæфидгæйæ балц кæнын кæй фæнды, ахæм 18 аздзыд кары ææвзонгты сфинанс кæндзæн поезды æнæаргъ билеттæй. Уыдонмæ 30 боны дæргъы уыдзæн фадат максимум цыппар æндæр æмæ æндæр бæстæ фенын.
Проекты нысан у, евроцæдисы цæрæг æвзонгты æхсæн культурон ахастыты æмæ бастдзинад фæхуыздæр кæнын. Балцы периоды у июл-сентябр. Фæнысанкæнинаг у, цæмæй проект, æрмæст транспортон фæрæзы хардзтæ дары йæ хъуыдыйы æмæ нæ ххæссы, цæрæн бынаты, хæринагы æмæ æндæр суммæтæм.
Æнæаргъ билетты хицæутты рабæрæг кæндзæн еврокамис. Проекты хайад райсын кæй фæнды, уыдон хъуам сфиксир кæной Европæйы иууыл цъус иу куыльтурон бынадарады цырты феныны фæндон æмæ райсой хайад викторинайы.
Аппликантты ма афтæдæр хъуамæ фæнда минæвæрттæй суæвын æмæ сæ балцы фæдыл æрымыссæггæгтæ равдисой, афтæдæр æрцæттæ кæной фотоæрмæджытæ равдыстытæн. Куырдиæтты райст дарддæр кæндзæн 26 июнмæ.