Евроцæдисы уæнг бæстæты минæвæрттæ Европæйы бонмæ нывонд видеоæрмæг публикаци кæнынц
Гуырдзыстоны Евроцæдисы уæнг бæстæты минæвæрттæ иумæйаг видеосидт публикаци кæнынц, кæцыйы алы бæстæйы дипломат ныхас кæны, цы нысан кæны уай европаг бинонты уæнг.
«Уый у диссаджы фадæттæ ног фæлтæртæн» – банысан кодта Венгрийы минæвар видео-сидты; «Сæрибар, Сабыр, социал-экономикон æмæ æрдзхъахъхъæнæг регуляциты тыгъдад» – хъусын кæны немыцаг дипомат; «Фæллойадон бынæттæ æмæ фадæттæ алкæмæн, уый уыдис демократийы консолидацидзнад» – дарддæр кæны Испанийы минæвар; «Сабырад, фарн æмæ æндæвдад» – бафтыда ма Данийаг дипломат; «Нæ æмтгæйон мидпродукт 450 миллиард евройæ райрæзтис» – банысан кодта Польшæйы минæвар; «Мах баиу стæм Еврозонæмæ æмæ нын уый ратта финансон стабилондзинад» – банысан кодта Эстонийы минæвар; «Евроцæдис у сабырады, иумæйагæй райрæзты æмæ иумæйаг æдасдзинады проект» – дзуры Италиайы минæвар; «Фадат цæмæй бахъахъхъæнæм нæ æдасдзинад, сæрибардзинад æмæ хæзнатæ» – Франц;, «Бæстæйы алы регионы прецедент цæмæн нæй ахæи райрæзт» – хъусынк æны Румынийы минæвар; «Евроцæдисы уæнгдзинадæй мах амайæм фæткæвæрдыл бындурæвæрд дуне» – дзуры Латвийи минæвар; «Евроцæдисмæ бахизын нысаниуæгджын размæ къахдзæф у экономикон æмæ политикон стабилондзинады æмæ æдасдзинадæн» – Чехаг дипломат; «Евроцæдисы мидæгæй сæрибарæй ис гæнæн бац кæнын, кусын, ахуыр кæнын цæдисы кæцыфæнды бæстæйы» – Словакийы минæвар; «мНæхи æдæрсгæйæ хатæм æмæ уынæм экономикон æмæ геополитикон æвзæрсты уæлидзинад» – Лиетувæ.
Евроцæдисы делегацийы куысты æмæ Евроцæдисы фæдыл фылдæр информаци райсынæн та минæвар Павел ГерчинскиГуырдзыстоны æмбæстæгты фæхуыдта Европæйы бон банысан кæнынæн, 11 арелы Экспо-Джорджиамæ.