Евроцæдисы Совет публикаци скодта 2023-2024 азты приоритеттæ - Украина, Молдовæ æмæ Гуырдзыстоны æмбæстæгты фидæн ис Евроцæдисы
Евроцæдисы Совет публикаци скодта 2023-204 азты Европæйы Советимæ æмгуыстады Евроцæдисы приоритеттæ.
«Евроцæдисы уæнгдзинады перспективæ у Европæйы стабилондзинады нысаниуæгджын фактор, кæцыйы фидар кæнын Европæйы Совет дарддæр кæны. 2022 азы 23 июны, Европаг Совет нымадмæ райста Украина æмæ Молдовæйы æмæ Гуырдзыстоны европаг перспективæ. Ацы бæстæты æмæ се мбæстæгты фидæн, Евроцæдисы ис. Уый ног импульс дæтты прогрессы дарддæр кæнынæн адæймаджы барты, демократийы æмæ закъоны сæйрагдзинады æрдгæй ацы бæстæты æмæ уæрæхæй дæр регионы»,- дзырдæуы Евроцæдисы Советы публикацигонд документы.
Евроцæдис афтæдæр нымадмæ исы Европаг Советы нысаниуæгджын роль Ныгуылæн Балканты æмæ Хурыскæсæн Патрнерады бæстæты реформæты процессы цыды Европаг стандарттæм æмбынатин скæнынæн фарсдарыны æмæ нысаниуæгджын институттæ стынг кæныны.
«Евроцæдис æмæ Европæйы Совет адарддæр кæндзысты кусын, цæмæй баххуыс уой Евроцæдисы уæнгтæм кандидат бæстæтæн æмæ потенцион кандидаттæн, рахатинаг прогрессмæ баххæссыны Евроцæдисы уæнгдзинады критеритæ сæххæст кæнынæн æмæ сæ реформæты иумæйаг процессы. Нæ иумæйаг программæтæ ауæрæхы æмæ сыхагон регионты адарддæр кæндзысты адæймаджы барты, демократи æмæ закъоны сæйрагдзинады сферæйы реформæты тыхайрхайдæн фарсдарын», – банысангонд у Евроцæдисы Советы веб-фарсыл.