Евроцæдисы совет сбæлвырд кодта æнæвизон балцы æрурæды фæдыл ноггонд уагæвæрдтæ.
Æнæвизон балцыты æрурæды ног механизм, Брюссельæн фадат ратдзæн тагъддæр æмæ карздæрæй реагир кæна ахæм уавæрты, кæцыты æнæвизон балцытæ æнæзакъонæй пайда кæнынц кæнæ Евроцæдисы интерестæн ныхмæлæуд кæнынц.
Ног уагæвæрдмæ гæсгæ, фæуæрæхдæр уыдзысты æнæвизон змæлды фæурæды бындуртæ.
«Ног уагæвæрдтæ йæ тыхы куы бацæуой, уæд Евроцæдисæн йæ бон уыдзæн æрурома æнæвизон балц æртыккаг бæстæтимæ, кæд æмæ уыцы бæстæ нæ æххæст кæндзæн Евроцæдисы визæйы политикæ. æмгъуыды хæлд», -ис фыст пресс-релизы.
Ног фæткмæ гæсгæ, визæты либерализацийы æруромыны механизм æнцондæрæй активон уыдзæн, кæд æмæ бæрæг бæстæйы æмбæстæгтæн Шенгены зонæмæ бацæуынæй нæ разы кæныны цауты нымæц фылдæр кæндзæн кæнæ Евроцæдисы уæвыны снысангонд æмгъуыд фехæлд, афтæ дæр уыцы æмбæстæгтæ æмбæхсæн бынаты курдиæтты кæнæ уæззау фыдракæндты нымæц.
Ног уагæвæрдмæ гæсгæ, æнæвизæйон балц фыццаг рæстæджы æрурæд уыдзæн 12 мæймæ, ныртæккæйы 9 мæйы бæсты. Ацы æмгъуыд адарддæр кæнæн ис ноджы 24 мæймæ.