2018 азы Гуырдзыстон Евроцæдисимæ политикон ассоциацидзинады æмæ экономикон интеграцийы æрдæм æнæфæцудгæ тырныныда сбæлвырд кодта, кæцы Гуырдзыстоны хицауады æмæ еврокомисарты бæрзонд æмвæзады ноябры фембæлдыл хаххгондæй банысан ис – уый фæдыл Гуырдзыстоны æрдгæй, ассоциацидзинады процессы сæххæсты фæдыл æртыккаг хыгъдлæвæрды дзырдæуы, кæцы публикацигонд æрцыд абон.
Хыгъдлæвæрдмæ гæсгæ, бæстæ ассоциацидзинады фæдыл бадзырды фæлгæтты, йæхимæ цы хæстæ райста, уыдоны сæххæсты хъуыддаджы, серьозон размæцыд сбæлвырд кодта.
Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварады пресс-релизы куыд дзырдæуы афтæмæй, хыгъдлæвæрды мидæг æркаст у Евроцæдисимæ къухæвæрд ассоциацидзинады фæдыл бадзырдæй Гуырдзыстон цы хæстæ райста уыдоны сæххæст. Хыгъдлæвæрд æвдисы ивгъуыд азы периоды Евроцæдис-Гуырдзыстоны ассоциацидзинады советы рабадтæй, советы радон рабадты онг, кæцы 2019 азы 5 марты, Брюсселы сырæздзæн. Хыгъдлæвæрд хаххгондæй нысан кæны, цæмæй æнæаскъуынгæ закъондæттæн реформæ æмæ æгъдау æмæ стандартты хъæддых æрфидар (ассоциацидзинады бадзырдмæ æмбæлгæйæ) Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн скуыддзаггæнæг у æмæ сын дæтты фадат, Евроцæдис æмæ Гуырдзыстоны æхсæн ацы къуындæн ахастыты фæстиуджытæй æххæстæй пайда кæной.
Евроцæдисы иуыл бæрзонд минæвары, еврокамисы вице-президенты Федерика Моггерринийы фидиуæнæй, Евроцæдисы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн уæвæг тынг хорз ахастытæ ивгъуыд азы дæргъы, ноджы фæтыхджындæр сты.
Сыхагон политикæйы æмæ ауæрæхы фæдыл бадзырдты фарстаты Еврокамисар Йоханнес Ханны аргълæвæрдæй, ассоциацидзинады фæдыл бадзырды сæххæсты руаджы, Гуырдзыстон æмæ Евроцæдисы æмбæстæгтæ, ноджы та фæхæст уыдзысты позитивон фæстиуджытыл.
Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварады информацийæ, Гуырдзыстоны æрдгæй ассоциацидзинады процессы сæххæсты фæдыл æртыккаг хыгъдæлæвæрд, аргъ кæны размæцыдæн « ассоциацидзинады боны фæткъы» сæххæсты процессы аасоциацидзинады советы 2018 азы 5 февралы рабадты фæстæ. Æмтгæй райсгæйæ ассоциацидзинады фæдыл бадзырды арв æмæ æппæтылæххæссæг сæрибар базарадон тыгъдады фæдыл разыдзинады (DCFTA) бахыгъдæй, бæрæг хæсистыты сæххæст разыгонд æмгъуыдты сæххæст ис. Ивгъуыд азы дæргъы Гуырдзыстон фæтызджындæр кодта йæ демокративон институттæ конституцион реформæйы процессы æмæ хицауиуæгы системæйы реформæйы фæлгæтты.
Хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ, президентон æвзæрстытæ æмтгæй конкурентхъом уавæрты ацыдысты, фæлæ дзы бæрæг аиппытæ фæбæрæг сты. Чысыл размæцыд сæххæст расттæрхоны секторы реформирдзинады фæлæ саразинаг нырма ис баххæссгæ фæстиуджыты фæфидар кæныны æмæ ацы ардæмадтæй дарддæры размæцыды. Уымæ гæсгæ банысан кæнинаг у, цæмæй закъондæттæн реформæты 4-æм улæн уый фæстæ райдыдта, расттæрхоны реформиркæныны платформæ куы сырæзт, кæцыйæн парламент къухдариуæг кодта парламент.
Уымæй дарддæр ма, хыгъдлæвæрды банысангонд у, цæмæй ивгъуыд азы Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны æхсæн конфликт райдайынæй 10 азы сæххæст. Евроцæдис æнæфæцудгæйæ йæ фарс хæцы Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн йæ æхсæнадæмонæй нымадмæ ист арæнты. Евроцæдисы цæттæдзинад конфликты сабырадонæй аскуыддзагмæ гæсгæ кæддæриддæр æнæфæцудгæ у, кæцы Евроцæдисы цæстдарæг миссийы æмæ Хуссар Кавказ æмæ Гуырдзыстоны кризисты фарстаты Евроцæдис специалон минæвары куыстæй фæбæрæг. Хыгъдлæвæрды афтæдæр банысангонд у, цæмæй 2018 азы июны парламент райста закъондæттæн пакет «Къахдзæф Хуыздæр Фидæны æрдæм», цæмæй баахъаз кæна сабырад æмæ фадæттæн, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны цæрæг адæмæн.
Хыгъдлæвæрдмæ гæсгæ, Гуырдзыстон фæстæмæ у Евроцæдисы егъаунысаниуæгджын партнер æдасдзинады сферæйы, тиерроризм æмæ æхсæнадæмон организацигонд фыдракæнды ныхмæ тохы. Гуырдзыстон афтæдæр хайад исы Евроцæдисы эгидæйæ архайæг мисситы æмæ операциты, кæцы ахъаз у дуынейы бæстæты хъæддыхъинады райрæзын кæнынæн, æмæ Ероцæдисы кууыд глобалон æдасдзинад ифтонггæнæджы роль фæтыхджындæр кæнынæн.
Хыгъдлæвæрд «Гуырдзыстоны æрдгæй Евроцæдисимæ ассоциацидзинады процессы сæххæсты фæдыл» абон æрцыд публикацигонд.