Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты министртæ «Хурыскæсæн Партнерады» фæлгæтты уæвæг политикæйы фæуынаффæ кæндзысты
Люксембургы, Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты советы рабадтыл, абон Европаг Иугонд бæстæты фæсарæн хъуыддæгты уагдæтты къухдариуæггæнджытæ æрымбырд уыдзысты. Æрымбыруæвæг делегацийæн къухдариуæг кæндзæн Хорватийы фæсарæн æмæ Европаг фарстæты министр Гордан Грлич Радман.
Люксембургы ауадзинаг фембæлдыл Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты министртæ æндæр фарстæтимæ иумæ бонвæткы æркæсдзысты «Хурыскæсæн Партнерады» фæлгæтты уæвæг политикæ.
Фæсарæн хъуыддæгты уагдæтты къухдариуæггæнджытæ фæуынаффæ кæндзысты Евроцæдлисы ахастытыл «Хурыскæсæн Партнерады» фæдыл, сæрмагондæй та, куыд баввахс уæд ацы программæмæ бацæуæг бæстæтæ Европаг Иугондмæ экономиконæй æмæ политиконæй.
Дискусси нывонд уыдзæн «Хурыскæсæн Партнерады» фæсарæн хъуыддæгты министрты æмæ «Хурыскæсæн партнерады» саммитмæ бацæттæгæнæн процесстæм.
«Хурыскæсæн Партнерад» Евроцæдисы æмгуыстады программæ у, кæцыйы иугонд сты Гуырдзыстон, Украина, Молдовæ, Сомихыстон, Азербайджан æмæ Белоруси.