Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты министрады минæвар – политикон мотивацигонд æфхæрд, оппозицийы архайджыты ахст ныхмæлæууæг у демокративон аргъдзинæдтæн, у авторитарон тактикæ
Оппозицион политикты политикон æгъдауæй аххосджын кæнын æмæ ахæстоны бадын ныхмæлæууæг сты бындурон демократон аргъдзинæдтæн, фыссы социалон хызæгты Евроцæдисы æттаг политикæйы департаменты пресс-спикер Анита Хиппер.
Анита Хиппер куыд банысан кодта афтæмæй, «Гуырдзиаг Бæллицц» хъуамæ ныууадза тæрхондонон системæйæ куыд хæцæнгарзæй пайда кæнын.
«Политикон мотивацигонд фæдагуырдтæ æмæ оппозицион политикты ахæстоны фæбадын фундаменталон демокративон аргъдзинæдты ныхмæ цæуы. Уый у авторитарон тактикæ, кæцы ныхмæ цæуы, цы æнхъæлмæкæсинаг у Евроцæдисы кандидат бæстæйæ.Гуырдзиаг бæллиц хъуамæ ныууадза тæрхондоны системæйæ куыд хæцæнгарзæй пайда кæнын» – фыссы Анита Хиппер.