Евроцæдисы  цæстдарæг  мисии Эргнеты  фæкъуыхцыгонд  фембæлды тыххæй  фидиуæн аразы
Евроцæдисы цæстдарæг мисии Эргнеты фæкъуыхцыгонд фембæлды тыххæй фидиуæн аразы

Евроцæдисы цæстдарæг  мисси (EUMM) Эргнеты инцидентты  превенцийы æмæ сыл реагиркæныны  механизмы  (IPRM)  форматы  фембæлды  фæкъуыхцыйы  фæстæ  специалон  фидиуæн  ахæлиу кодта,  кæцыйы мидæг нысан кæны, цæмæй  бадзырдты   адарддæр кæнын хъыгагæн нал  бантыст, фæлæ  фæдылдзог фембæлд 2 окутябрмæ у нысангонд.

«Эрик Хогг   срæвдз кодта  IPRM-ы  фæстаг, 2019  азы  18  июлы  фембæлды  фæстæ  айтынггонд фæзындты афлгæст. Уый банысан кодта,  цæмйæ  администрацион   арæнон хаххы цур фæзындты  фæтсаг рæстæгон  айтынг,  сæрмагондæй  та  Гугутъианткарийы  æмæ  Цънелисы  алфæмбылæйтты   мæтæфтауæг  фæзындтæ,   негативонæй   бандæвдтой  æдасдзинады  уавæрыл  æмтгæй  райсгæйæ.

Фембæлдыл   æхсæны  лæгтæ  бахахх кодтой нтынгад сыхалыны нысанæй   диалогы   адарддæр кæныны  æнæмæнгхъæуындзинад  æмæ  хайадисджытæн бакой  кодтой, цæмæй  уыдон    конфликтæй  зианбаййафæг  цæрджыты  проблемæтыл  хъуамæ  хъуыды кæниккой.

EUMM-ы тæвд хаххы  эфективон дзинад   зæрдылдаргæйæ,   бахахх ис  информаций1ы   баивыны  нысанæй  алы  рæувадат  коммуникацион   къаналæй  спайда кæныны  адарддæр кæныны нысаниуæг,  сæрмагондæй  та   тынгад  сыхалыны  нысанæй   конкретон  мадзæлтты фæдыл  рагфæдзæхсты  æнæмæнгхъæуындзинад.

Фембæлд хайадисджыты æхсæн Цънелисы  фарстайыл   хъуыдыты интенсивон баивдæй  хицæн кодта.  ХЪыгагæн  æнæтысгæ ссис, боны фæткæй  плангонд алы  фарстайы  æрæсын, уымæн  æмæ фембæлд фæкъуыхцы ис.

Фидæн фембæлд  2019 азы 2 октябрмæ снысан ис»- банысангонд у   фидиуæны.