Евроцæдисы бæстæты библиотекæтæй зынаргъ чингуытæ адавды фæдыл прокуратурæ ноджы дыууæ адæймагы ныхмæ  фæдагуырд райдыдта
Евроцæдисы бæстæты библиотекæтæй зынаргъ чингуытæ адавды фæдыл прокуратурæ ноджы дыууæ адæймагы ныхмæ фæдагуырд райдыдта

Гуырдзыстоны прокуратурæ «Евроюст»-ы æххуысæй арæзт æппæтдунеон фæдагурæн къорды бастдзинадæй, Евроцæдисы бæстæты библиотекæтæй зынаргъ чингуытæ адавыны фæдыл, ноджы дыууæ адæймагы ныхмæ уголовон фæдагуырд райдыдта æмæ дыууæ адæймагы аххосджын кодтой уæлæмхасæн эпизодтæй .
«Гуырдзыстоны генералон прокуратурæйы фæдæвзарæн хайады ауагъд фæдагуырд сбæлвырд кодта, цæмæй 2022 азы Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ сарæзтой организгонд криминалон къорд æмæ фæнд кодтой 19-æм æнусы æндæр æмæ æндæр авторты зынаргъ чингуытæ байсын, цæмæй сæ дарддæры уæй кæной æнæхъæн Европæйы. Уый тыххæй организацигонд къорды уæнгтæ спайда кодтой мæнг æвдисæндартæй, мæнг нæмттæй, мыггæгтæй æмæ развæлгъау арæзт мæнг чингуыты дæнцæгтæй, цæмæй баивтаиккой оригиналтæ.
Уголовон пъланмæ гæсгæ, организацигонд къорды уæнгтæ хъуамæ ахастаиккой 19-æм æнусы классикон фысджыты чингуытæ кæсынмæ Францы, Германийы, Латвийы, Лиетувæйы, Эстонийы, Швейцарийы, Польшæйы, Чехийы æмæ Финляндийы националон æмæ университетон библиотекæты, кæцытæ уыдон сусæгæй æрцахстой æмæ сæ баивтой фыццаг чингуыты хæрзхъæд экземплярты.
Афтæмæй, 2022-2023 азты организацигонд къорды уæнгтæ æндæр æмæ æндæр европæйаг горæтты библиотекæтæй сæдæгай мин евройы аргъ чингуытæ райстой.
Хъуыдтагы фæдагуырд даргъ кæны æппæтдунеон фæдагуырды къорды баст бæстæты компетентон уагдæтты активон æмгуыстадæй, цæмæй раргом æмæ рабæрæг уа организацигонд криминалон къорды архайды æндæр адæймæгты», – ис фыст прокуратурæйы парахатгонд информацийы .