Евроцæдис уырыссаг нефтыл нæй зæгъын хъавы  афæдзы  кæроны онг
Евроцæдис уырыссаг нефтыл нæй зæгъын хъавы афæдзы кæроны онг

Евроцæдис уырыссаг нефтыл  нæйы зæгъын хъавы афæдзы кæроны онг.  Æмбæлгæ планыл  кусы еврокомисси.

Европаг дипломаттæ куыд хъусын кæнынц афтæмæй,  уырыссаг «сау сыгъзæрины»  импорты этапгай фæурæдæй, Мæскуыйы ныхмæ  æрбайст  ног мадзæлттæм баиу уыдзæн Германи  дæр.  Ахæм ахаст  нефты  æхсæнадæмон  базартыл  ацух кæндзæн  куылмпыдзинæдтæ.

Уæдмæ Берлины райхъусын кодтой, цæмæй   цæттæ сты  æркæсой  уырыссаг  нефтыл эмбарго сæвæрыны  фарста æмæ  ацы  арæнæвæрдимæ сразы уой.

Куыд æнхъæлынц, афтæмæй,  Евроцæдис хъавы  бæрæг  хайæ фæхатыр кæна  Венгри æмæ Словакийæн, кæцытæ  тынг баст сты  уырыссаг нефтыл.

Венгрийы æмбарын кæнынц, цæмæй  сæ катайы  аххосаг политикон нæ фæлæ – экономикон у.

Уæрæсейы  ныхмæ  санкциты  ног пакеты, кæцыйы фыст уыдзæн   уырыссаг нефтыл эмбарго  сæвæрыны  план,  æнхъæлцау  публикаци скæндзысты  3   зæрдæвæрæны.

Ног пакеты ауæрæхдæр уыдзæн  а.х. сау номхыгъд дæр, кæцымæ  хаст уыдзысты  фылдæр  индивидуалон   гоймæгтæ æмæ   уырыссаг банкътæ, сæ нымæцы   – «Сбербанк» дæр.