Евроцæдис Украинайы территорион æнæхъæндзинад халыны тыххæй Уæрæсейы ныхмæ ист санкцитæ ноджы æхсæз мæййæ адарддæр кодта
Евроцæдис Украинайы территорион æнæхъæндзинад халыны тыххæй Уæрæсейы ныхмæ ист санкцитæ ноджы æхсæз мæййæ адарддæр кодта.
Евроцæдисы Советы ист уынаффæ, публикацигонд у советы официалон веб-фарсыл.
Сæрмагондæй та, Украинайы территорион æнæхъæндзинады, суверенитеты æмæ хæдбарадмæ хъавдыл бæрнон уæнгты ныхмæ, санкциты архайыны æмгъуыд 2022 азы 15 марты онг адардæр ис.
Арæнгæнæг мадзæлттæ ахæм сты: балцы арæнæвæрд, хынцты сæхгд æмæ экономикон куысты тобæтæ. Санкцитæ æххæссынц 177 уæнгмæ æмæ 48 компанимæ.
Евроцæдис Уæрæсейы ныхмæ санкцитæ 2014 азы Хъырымы æнæзакъонон анексийы тыххæй сфидар кодта.