Евроцæдис Лукашенкойæн санкциты ног пакет сфидар кæны
Евроцæдис Лукашенкойæн санкциты ног пакет сфидар кæны

Еврокомиссийы  президент  Усрсула фон дер Лайены фидиуæнæй,   Лукашенкой  режимæн санкциты ног пакет  сфидар кæндзысты.

«Нæ нысан у  ноджы иу агрессор  ацы хæсты – Лукашенкойы   режим, кæцы у Украинамæ лæбурды  æмхайадисæг.  Афтæмæй  йын снысан кæндзыстæм   Лукашенкойы режимæн   санкциты ног пакет.  Бавдисдзыстæм арæнгæнæг   мадзæлттæ  алы  нысаниуæгджын  секторты ныхмæ.  Уый фæуромдзæн  ахæм продукты экспорт, цахæмдæр у  минæварлон    артаг,  тамако,  хъæд-æрмæг, цемент, згъæр  æмæ болат»-  загхта  Еврокомиссийы президент.

Урсула фон дер Лайены  дзырдæй,  зæгъгæ Белорусæн афтæма арæнæвæртæ  ахæлиу кæндзысты,   кæцытæ   сфидар кодтой  уырыссаг   дывæр нысаниуæгы    продуктты  экспортыл, цæмæй   сæхи   бахизой  Уæрæсейы ныхмæ  фидаргонд санкцитæй  аирвæзт.

«Уæлæмхасæй санкцитæ сфидар кæндзыстæм Белорусы  уыцы æмбæстæгтæн, кæцытæ æххуыс кæнынц  Уæрæсейы  хæстон  тыхархайдтæн.  Алы  ацы мадзалма  бафтаудзыстæм  карз санкциты пакет, кæцы дысон  бавдыстам  æмæ кæцыйы  фæдыл нæ æхсæнадæмон партнертæ æрныхас кодтой.  Ацы  пакет   йæ хъуыдыйы  дары  Свифты  системæйæн    нысаниуæгджын  уырыссаг   банкыты ацух кæнын. Афтæма  тобæ кæнæм Уæрæсейы   централон банкы  транзакцитæ, ныййих ккæндзыстæм  йæ активтæ  иууылдæр, цæмæй  сын ма раттæм фадат, сфинанс кæна Путины  хæст, афтæдæр   санкцитæ  фидар кæнæм  уырыссаг  олигархты активтæн» – банысан кодта  Урсула фон дер Лайен.