Евроцæдис Гуырдзыстоны хицауад æмæ оппозицимæ политикон диалогмæ æрсидтис
Евроцæдисы æддæ архæйдтыты куысты официалон минæвар Питер Стано абоны пресс-конференцийыл Гуырдзыстоны цæугæ процесстыл райхуъсын кодта, цæмæй ныр иунæг рацæуæн у политикон диалог.
«Тынг мæт кæнæм Гуырдзыстоны поляризацийы, эскалацийы адарддæр кæныны æмæ Ника Мелиайы ныхмæ тæрхондоны уынаффæйы тыххæй. Иунæг рацæуæн ма ныр у политикон диалог. Уый у Гуырдзыстоны æмæ йæ æмбæстæгты интерестæм æмбæлгæ. Курæг стæм алы фарсæй Гуырдзыстоны, йæхиуыл фæхæцæт æмæ тынг бæрæнон ахаст дарæт йæ зæрдыл архайды рæстæджы цæмæй уæвæг политикон кризис алыг уа. Афтæма иттæг нысаниуæгджын у æмæ хъуамæ бахахх кæнæм, цæмæй абон сырæзт карз уавæр æрмæст уыдонæн аразы къух, кæцыты фæнды Гуырдзыстоны дестабилизаци æмæ уый æппæтæн та йæ бон у Гуырдзыстоны æхсæнадæмон репутаци фесафын. Политикон стабилондзинад æмæ инклюзивон парламентон процесс у нысаниуæгджын разæууæл, æнææрмæст коронавирусы фæстиуджыты алыг кæнынæн, фæлæ ма дарддæры реформæтæн æмæ Гуырдзыстон-Евроцæдисы ахастыты фæарфдæркæнынæн» – райхъусын кодта Питер Стано.