Евро 2023-ыл Гуырдзыстонмæ бирæ италиайаг æмæ испайнаг клубты менеджертæ æрцæудзысты#1TVSPORT
Гиорги Мамардашвили æмæ Хвича Кварацхелиайы трансфертæ гуырдзиаг футболмæ интерес банкъаринагæй райрæзын кодта – уый фæдыл Гуырдзыстоны Фыццаг Каналимæ интервьюйы загъта футболон менеджер Леван Сетуридзе.
«Кварацхелиа æмæ Мамардашвили топ-лигæты дзæбæх хъазтæй европаг трансферты базарыл гуырдзиаг футболы æмæ хъазджыты æрдæм интерес сцырын кодтой» – дзуры Леван Сетуридзе.
Гуырдзиаг менеджеры дзырдæй, зæгъгæ фидæнг азы æрыгонон Европæйы чемпионатыл италиаг æмæ испайнаг клубты минæвæрттæ æрцæудзысты.
«Гуырдзыстоны Евро 2023 куы ацæудзæн, уæд фендзстут, цас клубты сакуттæ æмæ менеджертæ нæм фæуазæг уыдзæн. Æз цы зонын, Сериа А-ы 10-15 клубы спортивон директортæ æмæ менеджертæ уыдзысты. Æрцæуын хъавынц Испанийы Ла Лигайы клубты минæвæрттæ дæр» – дзуры æвзонг менеджер.
УЕФА-ы уынаффæйæ, 2023 азы 21 азы онг кары æмбырдгæндты Европæйы 24-æм чемпионат дыууæ бæстæйы ацæудзæн. Европæйы хуыздæр æвзонг футболисттæн сфысым кæндзысты Гуырдзыстон æмæ Румыни.