Епископ Иакоб – нæ аргъуан ис æууæнкджын къухты, фидæны Патриархæн нæдæр хицауады æххуыс хъæуы, нæдæр оппозицийы, мах архайдзыстæм, куыд æмбæлы æцæг гуырдзиагæн, чырыстонæн
Епископ Иакоб – нæ аргъуан ис æууæнкджын къухты, фидæны Патриархæн нæдæр хицауады æххуыс хъæуы, нæдæр оппозицийы, мах архайдзыстæм, куыд æмбæлы æцæг гуырдзиагæн, чырыстонæн

Фидæны Патриарх чи уыдзæн, уый тыххæй æндæр æмæ æндæр телеуынынады эфиры бирæ æнкъарæнтæ ис. Æз уын зæгъдзынæн: уый уыдзæн, Синод кæй равзара, уый. Бирæтæ ныридæгæн сарæзтой, чи хъуамæ уа, уый тыххæй, фæлæ уый Сыгъдæг Удæй аразгæ у. Ацы хъуыддаджы бахъыгдарыны бар никæмæн ис, æддейæ ахæм «фæлдисын» æнæхъуаджы у. Кæй тыххæй схъæлæс кæнæм, уый æнæмæнгæй æвзæрст æрцæудзæн, æмæ уыдонæй кæцыфæнды дæр уыдзæн агкаг Патриарх, – уый Бодбелы архиепископ, Иакоб йæ уацамынды банысан кодта.

«Синоды нын баззад 39 епископы, раздæр уыдыстæм бирæ, æмæ нæ бон хъуамæ уа иудзинад, æмхъæлæсдзинад, æмæ Хуыцауæн лæггад кæнын. Иунæг Сыгъдæг Хуыцау, Фыдыбæстæ æмæ адæймаг нæ хорз федта, Уый нын ныууагъта фидар Синод, фендзыстут, мах фæуæлахиз уыдзыстæм алыгъуызон тыхдымгæтыл, никæй хъыгдардзыстæм.

Кæд искæй фæнды бахъыгдарын, хæдзары уа æви фæсарæнты, уæд цы æрцыд уыцы империтыл, кæцытæ нæ бахъыгдардтой, уый æрцæудзæн. Æз никæй зæгъын сæрмагондæй, фæлæ уый фарст нæу. Æз дæр дины кусджытæй тынг курын, цæмæй æнæхъуаджы æнкъарæнтæ ма æфтауой. Бафæлварæм, рахæссæм ахæм уынаффæ, кæцы алкæй дæр амондджын кæндзæн. Сæйраг уый у, æмæ уæд иууылдæр Хуыцауы лæггады лæууæм, кæрæдзийæн æххуыс кæнæм уæззау уаргъ æмæ уæззау дзуар хæссыны хъуыддаджы. Ацы уæззау дзуар, Хицау дын æй куы радта, уæд рог вæййы, Хицау дын æххуыс кæны, æмæ йæ дæхи тыхæй куы хæссай, дæхи куы нæ уа, уæд зын уыдзæн. Нæ аргъуан ис æууæнкджын къухты, Бауырнæд уæ, фидæны Патриархæн нæдæр хицауады æххуыс хъæуы, нæдæр оппозицийы. Алцыдæр уыдзæн Хицауæй. Кæд Хуыцауы уарзæм, кæд нæм ис уарзондзинад Патриархмæ, уæд мах афтæ архайдзыстæм, куыд æмбæлы æцæг гуырдзиагæн, æцæг чырыстонæн.