Елене Хоштариа хъусын кæны, цæмæй Дигъомы изоляторы йæм æгадгæнæг æмæ æнæадæймагон уырыссаг методтæй физикон тыхмийы бын фæкодтой
Елене Хоштариа хъусын кæны, цæмæй Дигъомы изоляторы йæм æгадгæнæг æмæ æнæадæймагон уырыссаг методтæй физикон тыхмийы бын фæкодтой

Парти «Дроайы» лидер Елене Хоштариа хъусын кæны, цæмæй Дигъомы изоляторы йæм æгадгæнæг æмæ æнæадæймагон уырыссаг методтæй физикон тыхмийы бын фæкодтой. Уый фæдыл Хоштариа Еленæ  изоляторæй æрвыст фыстæджы ныффыста, кæцы социалон хызы йæ сæрмагонд фарсыл публикацигонд æрцыд.

Хоштариа куыд банысан кодта афтæмæй, йæ ахсты фæстæ, пъæлицæйы хайадмæ йæ куы аластой, уæд æй физикон æгъдауæй ахстой.

Цыбыр дзырдæй, мæ ахсты фæстæ, пъæлицæйы хайады (Рамишвилийы «Шушебийыл») пъæлицæйы кусджытæ Чхартишвили Нино æмæ Болоташвили Давит, æз æмгуыстад кæныныл куы не сразы дæн, уый фæстæ мын мæ къухтæ мæ фæстæ фидар бакодтой. Уæд Чхартишвили Нино æмæ Болоташвили Давит мæ риу æмæ мæ дæндæгтæ фæцæф кодтой.

Ноджы æгаддæр цау æрцыд Дигъомы рæстæгмæйы изоляторы, цыран мын мæ къухтæ ногæй мæ фæстæ баст уыдысты, ногæй та мæ фæндоны ныхмæ, æрбахуыдтой пъæлицæйы бригадæ.Мæн æрцахстой дыууæ пъæлицæйы кусæджы (Нино Чхартишвили, Саломэ Лашхиа æмæ ноджы иу адæймаг). Уыдон мæ æхстой æмæ мæ бынтон бæгънæгæй систой. Тыхæй æнæфснайдæй равдисыны ацы практикæ у æгад уырыссаг метод адæймаджы кад халыны æмæ сыл физикон тыхми æвзæрын кæныны.

Æз ам дæр бирæ архайдтон, фæлæ мæ цæстытыл ауадысты æппæт æнæхъахъхъæд æмæ æвæлтæрд адæмы, кæцытæ бахаудзысты сæ къухтæм. Иутæ йæ кой кæнынæй тæрсынц, иннæтæ та æфсæрмы кæнынц. Бæрæг у, ацы лыстæгдзинæдтыл дзурын æнкъард кæй у. Фæлæ хъæуы хъæрæй дзурын, æххæст кæнын, бафхæрын æмæ адæммæ ахæм ахаст скуынæг кæнын. Ноджыдæр ма хатыр курын, уыйбæрц проблемæты æхсæн мæхи тыххæй кæй дзырдтон, уый тыххæй, фæлæ æз бамбæрстон, уый æнæмæнгхъæуæг кæй у æмæ мæхи æнкъарддзинадыл фæуæлахиз дæн. Æз дзæбæх дæн, цы мæ хъыгдары? Цал æнæаххос адæймаджы бадтысты ахæстоны мæйты дæргъы? «Бузныг уæ фарсылхæцындзинадæн», – фыссы Елене Хоштариа.