EBU публикаци скодта стати Европæйы Чемпионатыл, кæцыйы дзырдæуы, цæмй Æхсæнадон Уацхæссæг  Гуырдзыстоны футболон æмбырдгонд æнтысты срухс кæныны, скуыддзаггæнæг рол сыххæст кодта
EBU публикаци скодта стати Европæйы Чемпионатыл, кæцыйы дзырдæуы, цæмй Æхсæнадон Уацхæссæг Гуырдзыстоны футболон æмбырдгонд æнтысты срухс кæныны, скуыддзаггæнæг рол сыххæст кодта

EBU Гуырдзыстоны æмбырдгонд  æнтысты срухс кæныны хъуыддаджы Гуырдзыстоны  Æхсæнадон Уацхæссæджы  ролыл стати публикаци скодта, кæцыйы дзырдæуы, ома Гуырдзыстоны  футболон æмбырдгонд æнтыстджын срухс кæныны  скуыддзаггæнæг рол  сыххæст кодта Гуырдзыстоны Æхсæнадон Уацхæссæг.

Статийы  дзырдæуы, цæмæй Гуырдзыстоны  æмбырдгонд  чемпионатыл ерыс кæныны фадат историйы дæргъы  фыццаг хатт  самал кодта æмæ Гуырдзыстоны  ÆХсæнадон Уацхæссæг  цæттæ у, 14 июнæй, Европæйы  Чемпионаты алы   нысаниуæгджын моменты равдиса  кæсджытæн.

«Æхсæнадон Уацхæссæг ацы процессы алы къахдзæфы фæдыл цыдис, рагравзарæн   этапæй  плейофы  Бердзены æмбырдгонды ныхмæ бæлвырд  уæлахиздзинады онг, ифтонг кодта  комкоммæ  трансляци æмæ æнхъарыд   лæмбынæг анализ» – дзырдæуы статийы.

26 марты сукыддзаггæнæг  матчы  рæстæджы,  Æхсæнадон Уацхæссæджы эфирмæ бæстæйы цæрджыты фылдæр хай  дарттой  цæст,  минутмæ,  1 061 767  кæсæг, кæцы  базары хайы 60 процент  у.

«Европæйы Чемпионаты æнтыстæй расайгæ зæрдæзнæт æмæ иудзинад  прецедент цæмæн нæй  ахæм уыд. Ацы историон уæлахиздзинад   кæсджыты нымæцы æрдгæй  рекорд сæвæрдта, кæцы телеуынынадон  базарæн  прецедент цæмæн нæй  ахæм фæзынд у. Националон  регулиргæнæг комиссийы  бæрæггæнæнтæй, матчмæ 1,1 милуан адæймаг  кастис.  Гуырдзыстоны  кæцыфæнды  ткелеуынынадон  алæвæрдæн уый уыд рекорд – æгас бæстæйæ  кастысты» – райхъусын кодта  Æхснадон Уацхæссæджы генералон директор Тинатин Бердзенишвили.

Статийы дзырдæуы, цæмæй кæсджыты  ацы  нымæц хахх кæны, Æхсæнадон медиайы ролы нысаниуæг, цæмæй  зæрдылдарæн моменттæ  уæрæхæй  рæувадат  суа.