ЕÆÆО-ы (OSCE)  æмæ Европæйы  Советы  цæстдарджытæ  Азербайджаны  ацæугæ  æвзæрстытæн критикон аргъ дæттынц
ЕÆÆО-ы (OSCE) æмæ Европæйы Советы цæстдарджытæ Азербайджаны ацæугæ æвзæрстытæн критикон аргъ дæттынц

Европæйы Æдасдзинад æмæ Æмгуыстады Организацийы (OSCE) æмæ  Европæйы  Советы цæстдарджытæ Азербайджаны  ацæугæ  æвзæрстытæн  критикон  аргъ дæттынц. Уый тыххæй  куырдиат  цъус рæстæг размæ сарызтой.

Фыццаг Каналимæ  ныхасы рæстæджы  Европæйы  Советы   парламентон   ассамблейы   мониторингы  миссийы   къухдариуæггæнæг  Франк  Швабе  куыд  загъта, афтæмæй, зæгъгæ Азербайджаны  æвзæрстытæ, сæрибар æмæ  рæстаг    нæ уыдысты.

«Мах æнæхъæн  процессмæ  дарттам цæст, уый нымæцы   медийы  сæрибардзинады   гъæд ахуыр кодтам.   Афтæдæр ис æви нæ оппозицимæ   æвзæрстыты  хайад райсыны   фадат.  Мах,   политикон  ахæстты   тыххæй  мæтæйдзаг стæм, иуæй-иутæ  ссæрибар сты, фæлæ  уыдонæн æвзæрстыты  хайад райсыны бар нæ раттой.  Æвзæрстыты  бон та,   æцæгæй дæр, уыд  мæтæфтауæг. Федтам, цæмæй   бахыгъды  процесс нæ ацыд  рæстмæ  уавæрты.  Бирæ  проблемæтæ уыд  фадгуытыл.  Нæ  цæстдарджыты  60 лæгон къорд  загъта, цæмæй   бахыгъды процесс  уыд  тынг æвзæр.  Мæ  аргълæвæрдæй,   æвзæрстытæ   рæстаг  æмæ сæрибар нæ  уыдысты», –  райхъусын кодта  Франк Швабе.

Фæтксастыл  ныхас  кæны ЕÆÆО-ы (OSCE)  адæймаджы барты æмæ  демокративон институтты офисы  миссийы  къухдариуæггæнæг   Питер  Тейлор дæр.

«Бирæ аиппытæ  федтам.   Афтæдæр  хъуамæ  банысанæуа, цæмæй   бирæ   зæронд рекомендаци, сæ нымæцы  уыдон,  кæцытæ  æххæссынц   æмдырды  æмæ дзырды  сæрибармæ æмæ аууæлттæм,   йæ  зæрдыл  ничи бадардта  æмæ нæ  сыххæст сты.  Нæ бон уый   зæгъын нæу,  уыдысты æви нæ æвзæрстытæ   рæстаг  æмæ сæрибар.  Ис нын  бирæ  уæрæхдæр методологи. Бирæ  фарстатæ  ахуыр кæнæм. Афтæдæр адарддæр кæндзыстæм  бæрæггæнæнтæ исын æмæ  сæ  кæронбæттæн хыгъдлæвæрды бавдисдзыстæм», –  райхъусын кодта Питер Тейлор.