Дзюдо | Гурам Тушишвили Европæйы Чемпион ссис æртыгкаг хатт - Гуырдзыстоны къорд командон ерысты фыццаг бынат бацахста #1TVSPORT
Дзюдо | Гурам Тушишвили Европæйы Чемпион ссис æртыгкаг хатт - Гуырдзыстоны къорд командон ерысты фыццаг бынат бацахста #1TVSPORT

Тбилисы цæугæ Европæйы дзюдойы чемпионатыл, Гуырдзыстоны иугонд командæйы капитан, дыууæ хатты дунейы æмæ Европæйы чемпион, Гурам Тушишвили (+100) финалы йæ сæйраг æмтохгæнæг, дыууæ хатты олимпион чемпион, Чехаг Лукас Крпалекы рамбылдта æмæ æртыккаг хатт ссис Европæйы чемпион, Гуырдзыстоны командæйæн йæ цыппæрæм сыгъзæрин майдан æрхаста.

Гуырдзыстоны æмбырдгонд Европæйы чемпионаты авд майданы рамбылдта. Этер Липартелиани (57 кг), Лаша Шавдатуашвили (73 кг), Лука Майсурадзе (90 кг) æмæ Гурам Тушишвили (+100) ссисты Европæйы чемпионтæ, Гиорги Сардалашвили (60 кг) æмæ Тато Григалашвили (81 кг) рамбылдтой æвзист майдантæ, Сулиаман та (10 кг) бронзæйы призер.

Гуырдзыстоны æмбырдгонд командон хыгъдлæвæрды фыццаг бынат бацахста æмæ йæ къухы бафтыд историон фæстиуæг – Гуырдзыстоны дзюдоисттæ Европæйы чемпионаты цыппар сыгъзæрин майдан раздæр никуы рамбылдтой.