Джозеп Боррел – банхъæлмæ кæсæм парламентон æвзæрстытæм, кæцытæ Гуырдзыстоны демократийæн æмæ Евроцæдисмæ фæндагæн æскъуыддзаггæнæг фæлварæнæй уыдзысты
Министрты фембæлдыл, Молдовайы æмæ Гуырдзыстоны уæвæг уавæрыл фæныхас кодтам, дыууæ бæстæйæ дæр æввахс къуыриты нысаниуæгджын æвзæрстыты раз лæууынц – уый фæдыл Евроцæдисы æттаг политикæйы департаменты къухдариуæг, Джозеф Боррел Евроцæдисы æттаг хъуыдтæгты министрты фембæлды фæстæ арæзт пресс-конференцийыл расидтис .
Борелы ныхасмæ гæсгæ, фидæн парламентон æвзæрстытæ Гуырдзыстонæн æскъуыддзаггæнæг фæлварæн уыдзысты.
Уæдмæ та Джозеф Боррелл хъусын кæны, цæмæй Молдовæйæн Евроцæдисмæ фæндагыл нысаниуæгджын прогресс ис, Уæрæсейы æрдгæй азары нысаниуæгжын рæзтмæ нæкæсгæ.
«Мах уынæм, цæмæй Уæрæсе йæ тыхтыл нæ ауæрды гибридон бабырстытæй æмæ парахатгонд æвзарджыты æнæзакъонон балхæды фæрцы æвзарæнон процесс фæкъуылымпы кæнынæн. Мах аргъ кæнæм Молдовайы хицауады фидардзинадæн ацы æнæпрецедентон зындзинæдты раз, æмæ сын дарддæр дæр æххуыс кæндзыстæм. Ныв æвзæрдæр у Гуырдзыстоны. Хицаугæнæг партийы фæстаг архайдтытæ, расидæнтæ æмæ æвзарæнон ныфсæвæрдтæ бæстæйы европæйаг фæндагæй дард кæнынц æмæ авторитаризмы æрдæм здахынц. Растдæр уый тыххæй фактонæй æрлæууыд Евроцæдисмæ бацæуыны процесс. Сымах зонут, цы уынаффæтæ райста къамис европæйаг финансирдзинадмæ бацæуыны æрдгæй. Æнхъæлмæ кæсæм иннæ парламентон æвзæрстытæм, кæцы уыдзæн æскъуыддзаггæнæг фæлварæн Гуырдзыстоны демократийæн æмæ Евроцæдисмæ йæ фæндагæн» – расидтис Борел.