Джозеп Борел – Уырыссаг æфсæддон нысæнтты ныхмæ  хæцæнгарзæй  пайдакæныныл   тобæтæ  хъуамæ аивæм, науæд та  хæцæнгарз æнæахъаз у
Джозеп Борел – Уырыссаг æфсæддон нысæнтты ныхмæ хæцæнгарзæй пайдакæныныл тобæтæ хъуамæ аивæм, науæд та хæцæнгарз æнæахъаз у

Евроцæдисы бæрзонддæр минæвра Джозеп Борел  Украинæйæн  лæвæрд хæстæрмæгæй   Уæрæсейы территорийыл  спайдайы  тобæ  аивын  домы.

Уый фæдыл   Евроцæдисы  фæсарæн хъуыддæгты министрты æнæформалон  фембæлды райдайыны размæ   райхъусын кодта.

«Æхсæнадæмон барадмæ æмбæлгæйæ, уырыссаг  æйфсæддон нысæнтты   ныхмæ   хæцæнгразæй  спайдайыл  тобæтæ хъуамæ аивæм.  Хæцæнгарзæй, кцыйы   Украинæйæн дæттæм,  æххæстæй хъуамæ  пайда кæной, арæнæвæрдтæ  аивын хъæуы, цæмæй украинæгтæ  уыцы территоритæ ныххафын бафæразой,  кæцæйдæр уырыссæгтæ бырсынц.   Науæд та   хæцæнгарз ницы пайда у» – райхъусын кодта  Борел.

Евроцæдисы бæрзонддæр   минæвары дзырдæй, зæгъгæ,  уый у  абон Украинæ  цы  куры.