Джонс Хопкинсы университеты æрбадæттæгтæм гæсгæ, пандемийы райдайæнæй абоны онг дунейы короновирусæй æртæ милуанæй фылдæр адæймаг фæмард
Джонс Хопкинсы университеты æрбадæттæгтæм гæсгæ, пандемийы райдайæнæй абоны онг дунейы короновирусæй æртæ милуанæй фылдæр адæймаг фæмард

Джонс Хопкинсы университеты æрбадæттæгтæм гæсгæ, пандемийы райдайæнæй абоны онг дунейы короновирусæй æртæ милуанæй фылдæр адæймаг фæмард.

Пандемийы периоды короновирусæй рынчынты нымæц дунейы 140 милуанмæ бахæссыд. Вирусæй сæнæниз ис 119 милуан адæймаг.

«Ковид -19» цауты нымæцæй фыццаг бынатыл АИШ ис, дыгкаг бынатыл Инди, кæцыйы фæстаг 24 сахаты мидæг 234 минæй фылдæр ног цау рабæрæг ис, Уæззау уавæр ис афтæ дæр Бразилийы, цыппæрæм бынатыл Франц, фæндæзм бынатыл та Уæрæсе.

Гуырдызстоны сыхаг бæстæтæм та цы хауы, Сомихы фæстаг 24 сахаты мидæг 870 ног цау рабæрæг ис, фæмард 33 адæймаг, Азербайджаны 2 163 цау, фæмард 32 адæймаг, Туркы 63 000 адæймагæн сбæлвырд ис, фæмард 289, фæкарз кодтой арæнвæрдтæ.