Джон Маккейн рацыд инициативæйæ, АИШ-ы президентæн байсой бæстæйы НАТО-йæ ракæныны бар
Джон Маккейн  рацыд  инициативæйæ,  АИШ-ы   президентæн байсой  бæстæйы НАТО-йæ ракæныны  бар

Джон Маккейн  рацыд  инициативæйæ,  АИШ-ы   президентæн байсой  бæстæйы НАТО-йæ ракæныны  бар.  Сенатор бавдыста законопроект, кæцымæ гæсгæ  дæр,  АИШ-ы  цæгат-атлантикон  альянсæй,   æнæ  сенаты  барлæвæрдæй  нæ рацæудзæн.  Инициативæйæн  йæ  фарс   хæцынц  цалдæр  демократ  сенатор.

Маккейны хъуыдымæ гæсгæ,   Дональд Трамп   Брюсселы  саммитыл  НАТО-ы  æмцæдисонты  раз йæхи тынг æвзæр  равдыста.  Сенаторы  дзырдæй,  «НАТО-ы  æмцæдисонтæ  70 азы дæргъы   бирæ  снывонд кодтой   демокративон  дунейæн,   кæцы  æдасдзинадыл, адæймаджы барты  хъахъхæдыл  æмæ  закъоны  сæрагдзинадыл» бындурæвæрд у.  Афтæдæр йæ ныхæстæм  гæсгæ,   НАТО  АИШ-ы  фæтыхджындæры  егъаунысаниуæгджын роль сыххæст кодта зæгъгæ.

Бакой  уын кæндзыстæм, Брюсселы   уагъд  НАТО-ы  саммитыл, Трамп  райхъусын кодта,  цæмæй   зæгъгæ  йæ бон  уыдис  АИШ-ы   альянсæй  скондтæй  ракодтаит, фæлæ  æмцæдисонтæ  хардзты рæзтимæ не сразы  уыдаиккой.