Джо Байдены æмæ Владимир Путины фембæлды размæ Энтони Блинкен Владимир Зеленскиимæ телефонæй ф æныхас кодта
Джо Байден æмæ Владимир Путины æхсæн плангонд бадзырдты агъоммæ, АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Энтони Блинкен, Украинайы президент Владимир Зеленскиимæ телефонæй фæныхас кодта.
Паддзахадон департаменты хъусинагæй, президент Байдены, президент путинимæ бадзырдты размæ, Энтони Блинкен Владимир Зеленскийæн сбæлвырд кодта АИШ-ы æнæцудгæ фарсхæцын Украинайы суверенитет, хæдбарад æмæ территорион æнæхъæндзинадæн Уæрæсейы агрессийы ныхмæ.
АИШ-ы паддзахадон нымæрдар æмæ Украинайы президент æрныхас кодтой Донбассы конфликт сабырæй æмæ дипломатонæй аскуыддзагы æмæ æхсæнадæмонæй нымад арæнтыл, сæ нымæцы Хъырымыл Украинайы суверенитеты æххæстæй сæндидзын кæнын æнæмæнгхъæуындзинадыл.
Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министр Дмитро Кулеба Украинаг медиимæ ныхасы куыд райхъусын кодта, уымæ гæсгæйæ, Владимир Путинимæ онлайнфембæлдты фæстæ, Джо Байден бадзырдтæ ауадздзæн Владимир Зеленскиимæ.