Джо Байдены администраци Украинамæ Энтони Блинкены  визитæй арвитын  план кæны
Джо Байдены администраци Украинамæ Энтони Блинкены визитæй арвитын план кæны

Джо Байдены  администраци  хъавы  паддзахадон   нымæрдар Энтони Блинкены Украинамæ  визитæй  арвитын. Æмбæлгæ  информацийы америкаг   телекомпани  «CNN»  Украинайы   хицауадыл  æнцойæ  хъусын кæны.

Медиафæрæзæн  куыд ссис  бæрæг  афтæмæ, Блинкены  визит  Украинамæ   фидæн мæймæ   план кæны.

«CNN» -ы  куыд банысан кодтой афтæмæй,   уыцы  факт, цæмæй  Байдены  администраци йæ сæйраг дипломаты  æрвиты Украинамæ, Уæрæсе-АИШ-ы  потенцион   самиты онг  цалдæр къуыри   рагафон,  у дырыс  сигнал, цæмæй Вашингтон хурыскæсæн  Европæйы паддзахадæн йæ фарсмæ  лæууы  æмæ  йын аргъ кæны  куыд  æмцæдисонæн.

Америкаг  телекомпанийы  хъусинагæй, Украинайы  хицауад  ныфс дары, цæмæй   АИШ-ы  президент Джо Байден, Владимр  Путинимæ  бадзырдты  агъоммæ,  бацагурдзæн  рæстæг  Украинайы президент  Владимир Зеленскиимæ  фембæлынæн.

Бакой  уын кæндзыстæм Уæрæсейы  хицауады  минæвæрттæ  нæ  цух  кæнынц, цæмæй  Владимир Путины æмæ Джо Байдены æхсæн фембæлд  июны  ацæуа.