Уырны нæ, цæмæй уæлахизгонд уыдзыстæм, – уый фæдыл АИШ-ы президенттæм кандидат Джо Байден фехъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ уый нæ нысан кæны, цæмæй йæхи уæлахизгондыл нымайы, фæлæ ныфсджын у, цæмæй кæддæр хъæлæсты бахыгъд фæуыдзæн, æмæ уæлахизгонд растдæр уый уыдзæн.
Байдены фидиуæнæй, зæгъгæ алы хъæлæс хъуамæ бахыгъд уа, уымæн æмæ республикæгтæ райдаынц барадон дау иуæй-иу нысаниуæгджын штатты.
«Демократи байсын нын ничи хъавы»,- загъта Байден.
Джо Байден ма дзырд ратта, цæмæй уыдзæн алы америкагы президент.
«Куы фæуæлахиз уыдзыстæм, уæд нал уыдзæн сырх кæнæ уæларвгъуыз штаттæ. Уыдзæн Америкæйы Иугонд Штаттæ», – фехъусын кодта Байден.
АИШ-ы президенттæм кандидатимæ иумæ уæвы вице-президенттæм демократ кандидат Камала Харрис.