Джо Байден Украинайы хихъахъæнады сферайæн уæлæмхасæн 800- милуанон æххуысы фæдыл документыл йæ къух æрфыста

Джо Байден Украинайы хихъахъæнады сферайæн уæлæмхасæн 800- милуанон æххуысы фæдыл документыл йæ къух æрфыста

АИШ-ы президент Джо Байден Украинайы хихъахъæнады сферайæн уæлæмхасæн 800- милуанон æххуысы фæдыл документыл йæ къух æрфыста.

Ныхасæй рацыды рæстæджы, Байден банысан кодта, цæмæй  АИШ Украинайы фарсмæ лæудзæн «цалынмæ автократ лидер хæст нæ фæуромдзæн».

«Мах Украинайы æххуыс нырма ивгъуыд  аз раттам. Бузныг конгрессæн уымæн, цæмæй сбæлвырд кодтой ацы кадджын адæмæн æххуысы пакет. Ног æххуыс хихъахъæнады сферайы йæ зæрдыл дары стрингеры 600 ракетæ, 9 000 националон танкы ныхмæ комплекс, 2 600 Джавелин.

Президент банысан кодта, цæмæй Украинæ Америкайæ  Switchblade 300  æмæ Switchblade 600 типы, кæцытæ пайда кæнынц æфсæдтон техникæйы бабынæн.