Джо Байден, Украина, Израил æмæ Тайванæн æххуысы закъонопроектыл йæ къух бафыста
АИШ-ы президент Джо Байден, Украина, Израил æмæ Тйванæн æххуысы закъонпроект бафыста.
«Уый тынг дзæбæх бон у АИШ-ы, Европæйы æмæ æнæхъæн Дунейæн, нæ æмцæдисонтæ тыхджын куы сты, уæд мах дæр тыхджын стæм. Ацы закъоны бафыссынæй, АИШ æмæ æнæхъæн Дуне æдасæй уыдзыстæм», – райхъусын кодта Байден.
Паке иу кæны цыппар закъонпроекты, кæцытимæ минæвæртты палатæ ивгъуыд къуырийы, хицæнтæй сразы ис. Уыппар закъонопроектæй сæ иу йæ хъуыдыйы дары Украинайæн 61 миллиард доллары бæрц æххуыс, дыккаг – Израилæн æххуыс 26 миллиард доллары бæрц. Æртыккаг закъонопроект йæ хъуыдыйы дары 8.1 миллиард доллар рауæлдай кæнын Инди-Сабыр Океаны регионæн. Цыппæрæм закъонопроект социалон хызаг «тик-токы» тобæйы гæнæн дæтты, афтæма уырыссаг активты конфискаци Украинайы пайдайæн æмæ ног санкцитæ Ираны ныхмæ.