Джо Байден Уæрæсейы хицауадмæ  æрсидтис, æнæаргъæвгæйæ ссæрибар кæной  америкаг баскетболист Бритни Грайнеры
Джо Байден Уæрæсейы хицауадмæ æрсидтис, æнæаргъæвгæйæ ссæрибар кæной америкаг баскетболист Бритни Грайнеры

АИШ-ы президент Джо Байден  Уæрæсейы хицауадмæ сиды,  æнæаргъæвгæйæ  ссæрибар кæной  америкаг  баскетболист Бритни Грайнеры. Уый фæдыл дзырдæуы  Джо Байдены  фидиуæны, кæцы Урс Хæдзары  веб-фарсыл   уыд публикацигонд.

«Абон  америкаг   æмбæстаг  Бритни Грайнерæн   рахастой уынаффæ  ахсты  фæдыл æмæ уый у ноджы иу  зæрдыл æфтауæн, кæцыйы дуне  ныридæгæн  зоны:  Уæрæсе  æнæзакъононæй  æрцахста Бритнийы.  Уый нæрайсгæ у. Сидын Уæрæсейы  хицауадмæ, ссæрибар æй кæна  æнæаргъæвгæйæ, цæмæй  йæ бон бауа  йæ  æмкъамæ, йæ  уарзон адæймæгтæм, хæлæрттæм æмæ  йе æмбæлттæм æрыздæхын.  Мæ администраци адарддæр кæндзæн  кусын æмæ спайда кæндзæн алы  амæлттæй, цæмæй Бритнийы  æмæ  Пол Уиланы  æрыздаха сæ  хæдзæрттæм  æдасæй, куыд гæнæн ис, афтæ тагъд», – дзырдæуы  байдены  фидиуæны.

Мæскуыйы  тæрхондон   америкаг   баскетболист Бритни  Грайнеры  зылынджыныл банымадта  наркотикты  контрабандæйы  æмæ  бавæрыны  æмæ йын фараст азæй  ахст стæрхон кодта.  Уымæй  уæлдай ма  дыууæхаттон   олимпион чемпионæн  иу милуан рублы (  доллары) бæрц ивар бафидын  дæр стæрхон  кодта. Грайнеры февралы  Мæскуыйы аэропорты  æрцахстой.  Джигулы рæстæджы йæм ссардтой  гæны зети. Тæрхоны процессыл   америкаг   баскетболист радзырдта, цæмæй  йын медицинон нысанæн  дохтыр   рафыста  медикаментты  фæрссаг æндæвдадæй бахизынæн.

Пол Уилан та, раздæры  денджызон фистæгы, Уæрæсейы 2018  азы  декабры, шпионажы аххосагæй  æрцахстой.  2020 азы  июны уымæн 16 азæй  ахст  стæрхон кодтой.