Джо Байден Конгрессмæ баздæхт æркуырдæй, Украинайæн 33 миллиарды бæрц æххуыс, куыд гæнæн ис афтæ тагъд рауæлдай кæныны фæдыл
Амæйразмæ къух бафыстон документыл Конгрессæн, Путины агрессийы ныхмæ Украинайæн баххуыс кæнынæн критиконæй нысаниуæгджын экономикон æмæ гуманитарон æххуысы фæдыл – уый фæдыл АИШ-ы президент, Джо Байден абон лæвæрд брифингыл райхъусын кодта.
Йæ дзырдæй, зæгъгæ Украинайы ныр æххуыс хъæуы æмæ ацы хæсты аргъ аслам нæу.
«Хъæуы нæ уый, цæмæй йæ фарс рахæцæм Украинайæн, кæцы тох кæны сæрибардзинады тыххæй. Критиконæй нысаниуæгджын у цæмæй ацы финансдзинад сбæлвырд уа æмæ сбæлвырд уа куыд гæнæн ис, афтæ тагъд. Ацы тохы аргъ аслам нæу, фæлæ агрессийæн бакомын бирæ зынаргъдæр сбаддзæн. Мах Уæрæсемæ нæ бырсæм. Мах æххуыс кæнæм Украинайæн, цæмæй йæхи баиргъæва Уæрæсейы агрессийæ. Путин ацы æбуалгъ бырст райдаын куыд сывзæрста, раст афтæ йæ бон уыдис ацы æбуалгъ бырст кæрон скæнын», – райхъусын кодта Байден.
Уæдмæ, медийы ахæлиу ис информаци, ома АИШ-ы президент Конгрессæй ракуырдта, Украинайæн 33 миллиард доллары бæрц æххуысы пакет рауæлдай кæнын æфсæддон æмæ гуманитарон æххуысæн.