Джо Байден хъусын кæны, ома «Стыр Авды» бæстæтимæ иумæ Уæрæсейæ сыгъзæрины импорт тобæ кæнынц
АИШ-ы президент Джо Байдены фидиуæнæй, «Стыр Авды» бæстæтимæ иумæ Уæрæсейæ, сыгъзæрин импортыл тобæ сæвæрдзæн. Фæнысангонды фæдыл АИШ-ы президент «Твиттеры» ныффыста.
«Иугонд Штаттæ Путинæн уагæвæрдс кодта прецедент, цæмæн нæй ахæм аргъ бафидын, цæмæй йæм ма уа уыцы æфтиаг, кæцы йæ хъæуы Украинайы ныхмæ хæст сфинанс кæнынæн. G7-имæ иумæ тобæ æвæрæм, уырыссаг сыгъзæрины импортыл, сæйраг экспортыл, кæцы Уæрæсейæн дæсгай миллиард доллар æрхæссы», – фыссы байден.
«Стыр авды» бæстæты лидертæ Германийы, Баварийы регионы æмбырд кæнынц. Уæнг бæстæтимæ иумæ саммиты хайад райсдзысты, Индийы, Хуссар Африкæйы Республикæйы, Аргентинæйы, Сенегалы æмæ Индонезийы лидертæ дæр.