Джо Байден – цæмæй Дональд Трамп овалон кабинетмæ ма баввахс  уа,  ис æрмæст иу фæндаг – æвзарæнон асыккы цур
Джо Байден – цæмæй Дональд Трамп овалон кабинетмæ ма баввахс уа, ис æрмæст иу фæндаг – æвзарæнон асыккы цур

АИШ-ы президент Джо Байден АИШ-ы  раздæры президент Дональд Трампы тыххæй тугтæрхоны барады хъуыддагыл  æрдхорд тæръонгæнджыты уынаффæйы кой кæны  социалон хызæгты.

«Дональд Трамп овалон кабинетмæ цæмæй хæстæг ма бацæуа, æрмст иу фæндаг  ис, æвзарæнон  асыккы цур»  фыссы  Байден социалон хызæгты.

Йæхæдæг Дональд Трамп  æрдхорд тæрхонгæнджыты вердикт «худинаггагæй» æмæ  «фæмæнггондæй» схуыдта æмæ тæрхоны залæй  рацыды фæстæ райхъусын кодта, цæмæй  хъуыддагыл  уæлæндæвд скодта Байдены  админстраци. «æцæг вердикты  адæмы 5 ноябры рахæсдзысты», – банысан кодта Трамп.