Джо Байден АИШ-ы 2020 азы президентон æвзæрстытыл, Демокративон партийы президенттæм кандидатæй официалонæй ссис.
Раздæры вице-президент, президиденттæм кандидатæй Милуокийы Демокративон партийы æмбырдыл сбæлвырд кодтой. Уымæн 3 550-йæ фылдæр делегат схъæлæс кодта. Пандемийы тыххæй æмбырд виртуалон режимæй цæуы.
Æмбырдыл уымæн йæ фарс рахæцыдысты дыууæ раздæры демократ президент, Билл Клинтон æмæ Джимм Картер.
АИШ-ы президентон æвзæрстытæ 3 ноябры ацæудзæн.