Джо Байден – АИШ Украинайæн уый йас æххуыс кæндзæн, цас дæр æй хъæудзæн Украинайы
АИШ-æ æххуыс кæндзæн Украинайæн уый йас рæстæджы дæргъы, цас дæр бахъæудзæн, – уый фæдыл АИШ-ы президент Джо Байден «Сибиэсимæ» интервьюйы райхъусын кодта.
АИШ-ы президенты дзырдæй, Украинайы хæстмæ америкаг æфсæддæттæ нæ баиу уыдзысты, фæлæ Украинайæ хъауджы, Китайы бырсты цауы, АИШ-ы æфсæддон тыхтæ хæцдзысты Тайван бахъахъхъæнынæн.
«Украина, уыцы нысаниуæгджын æххуысы фæрцы, кæцы сæм ис махæй æмæ нæ æмцæдисонтæй, нæуырнинаг æхсардзинадæ æмæ украинаг адæмы нæуырнинаг бархъомысæй, хæсты нæ сæтты æмæ бæрæг сферæты йын ис æнтыстытæ. Украинайы хæсты фæуæлахиз уын у Украинайæ Уæрæсейы æххæстæй феддæдуар кæнын æмæ суверенитеты банымад. Уыдон ныхкъуырд кæнынц Уæрæсейы. Уæрæм нæ уыдис ахæм компетентон æмæ амалхъом, бирæтæ куы æнхъæлдтой, афтæ. Фæлæ хæсты фæуæлахиз – знаггад кæцы хæстæй цæуы, æмбæстæгтæ æмæ хуымæтæг æнæаххос адæймæгтæ скъуыйинц, тынг зын у уый банымайын уæлахиздзинадæй. Уæрæсе цы тæ ракодта, уыдон сты хъæддагдзинад. Йæ бырстытæ алыæрдæм дæр, æмбæстагон рынчындæттæй, карджынты хæрдзæтты онг, уыцы сыхтæм, цы ран цæрынц хуымæтæг æмбæстæгтæ», – банысан кодта Джо Байден.