Джо Байден – АИШ дарддæр кæндзæн Украинайæн критиконæй хæстæрмæг æмæ ифтонггæрзтæй æххуыс кæнын, цалынмæ нæ бон уыдзæн уæдмæ
Америкæ дарддæр кæнндзæн Украинайæн критикон хæстæрмæгы æмæ ифтонггæрзты дæттын, цалынмæ нæ бон уыдзæн уæдмæ, – уый фæдыл АИШ-ы президнт Джо Байден Урс Хæдзары, Украинайы президент Володимир Зеленскиимæ иумæйаг прессконференцийыл райхъусын кодта.
Америкæйы президент æрсидтис Конгрессмæ, рауæлдай кæна финансдзинад Украинайæн баххуыс кæнынæн.
«Путин æнхъæлы цæмæ АИШ нæ бафæраздзæн Украинайæн баххуыс кæнын» – райхъусын кодта Джо Байден.
Амеркæйы президенты дзырдæй, зæгъгæ уырыссаг паддзахадон телеунынады алæвæрды акæнæг раппæлыд ивгъуыд къуырийы республикæгтæй Украинайæн æххуыс алæвæрдыл блокъ сæвæрыны тыххæй.
«Кæд уырыссаг пропагандисттæ бæрæгбон кæнынц, уæд гæнæн ис афон у æркæсат цы аразут уымæ», – банысан кодта Байден.
Афтæма, АИШ-ы президент райхъусын кодта, цæмæй Америкæ йæ фарс хæцы сæрибардзинадæн- абон, сом æмæ кæддæриддæр.
Уыимæ, прессконференцийыл Украинайы президент Володимир Зеленски куыд райхъусын кодта афтæмæй, уый Байденимæ фæныхас кодта Владимир Путины «Дардæры изоляцийы» æмæ йæ агрессийы аргъы тыххæй. Зеленскийы дзырдæй, зæгъгæ Уæрæсейы фæнды дæргъвæтин хæст.
Бæрæгдзырдæн, АИШ-ы президент Джо Байден Украинайæн 200 милуан доллары бæрц æххуысы алæвæрды фæдыл райхъусын кодта.