Джо æмæ Джилл Байден Урс Хæдзары фысым кæнынц Дональд Трамп æмæ Мелания Трампæн
АИШ-ы архайæг президент Джо Байден æмæ фыццаг леди Джилл Байден Урс Хæдзары фысым кæнынц æвзæрст президент Дональд Трамп æмæ йæ бинойнаг Мелания Трампæн.
Дональд æмæ Мелания Трамп Урс Хæдзармæ æрцыдысты Вашингтоны Сыгъдæг Иоанны аргъуанæй, цыран уыдысты службæйы.
Америкæйы Иугонд Штатты 1837 азæй фæстæмæ цы традици ис, уымæ гæсгæ ныры президент фысым кæны ног президентæн цай нуазынмæ, уый фæстæ та ацæуынц Капитолимæ, цыран хъуамæ ацæуа ардбахæрды церемони.
Дональд Трамп ацы традици æххæст кæныныл не сразы 2021 азы, Байдены инаугурацийы размæ.