Джин Шахин публикаци кæны видео-сидт - Гуырдзыстонæн дыууæпартион фарсхæцын дарддæр кæны, фæнды нæ фенæм куыд адрддæр кæны прогресс демократизацийы реформæты æрдгæй
Америкаг сенатор Джин Шахин, Сенаты, европæ æмæ регонон æмгустады дæлкомитеты Гуырдзыстоны фарстыл ацæугæ байхъуысты фæстæ социалон хызаг «Твиттеры» видео-сидт публикаци кæны.
Сенатор видео-сидты куыд банысан кодта афтæмæй, зæгъгæ бæрæг ис цæмæй Гуырдзыстоны æрдæм фидар дыууæпартион фарсхæцын дарддæр кæны.
«Абон Сенаты æддæ ахастыты комитеты Европæ æмæ регионон æмгуыстады дæлкомитеты ацыд бйхъуыст Гуырдзыстоны сырæзт ситуацийы фæдыл. Бæрæг у уый, цæмæй Гуырдзыстоны æрдæм фидар дыууæпартион фарсхæцын дарддæр кæны. Фæнды нæ фенæм прогрессы дарддæрдзу демократизацийы реформæты, институтты реформир кæныны, уæцы фæстаг дæс азы дæргъы цыд. Фæлæ нырыккон къуымау Гуырдзыстоны æвзæрын кæны зыниртасæн уавæр. Хъæуы фенæм, цæмæй хицаугæнæг парти «Гуырдзиаг Бæллицц» рабада оппозицион парти «Иугонд Националон Змæлдимæ» бадзырдты фынгыл æмæ æрцæуой уынаффæмæ, кæцы ифтонг кæндзæн, цæмæй парламенты уæнгтæ æрыздæхой парламентмæ мидæмæ æмæ бакусой гуырдзиаг адæмы пайдайæн æмæ фенæм уый, цæмæй дæргъвæтин бадзырд инститктты реформæйы фæдыл, цæмæй Гуырдзыстон адарддæр кæна йæ фæндаг ныгуылæны æмæ демократизацийы æрдæм, адарддæр кæна фæндаг НАТО-ы æрдæм æмæ Евроцæдисмæ интеграцимæ, æмæ фенæм уый, цæмæй АИШ-ы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн фидар партнерад дарддæр кæны», – хъусын кæны Сенаты Европæ æмæ регионон æмгуыстады дæлкомитеты сæрдар сенатор Джин Шахин.