Джим Риш – 15 азы размæ Уæрæсе æнæзакъононæй ныббырста, оккупаци скодта æмæ хæлдта адæймæгты бартæ Гуырдзыстоны регионты, Уæрæсе дзуаппмæ лæвæрд хъуамæ æрцæуа йæ фыдракæндты тыххæй
15 азы размæ Уæрæсе æнæзакъононæй ныббырста, оккупаци скодта æмæ фехæлдта адæймæгты бартæ Гуырдзыстоны регионты, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны. Уæрæсе дарддæр кæны дезинформацийы хæлиу кæнын æмæ мингай æнæаххосаг гуырдзиагы сурын, – уый фæдыл америкаг сенатор æддæ ахастыты комитеты уæнг Джим Риш 2008 азы августы хæстæй 15 азысæрмæ гæсгæ фыссы социалон хызагы.
«Уæрæсе дзуаппмæ лæвæрд хъуамæ уа йæ фыдракæндты тыххæй æмæ æрыздаха Гуырдзыстоны суверенон территоритæ», – фыссы Джим Риш.