Джим О’ Брайен – АИШ нæбыхсгæйæ æнхъæлмæ кæсы премьер-министр Къобахидзейы  хицауадимæ куысмæ 2024 азы
Джим О’ Брайен – АИШ нæбыхсгæйæ æнхъæлмæ кæсы премьер-министр Къобахидзейы хицауадимæ куысмæ 2024 азы

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр  Илиа Дарчиашвили  фембæлдис АИШ-ы  паддзахадон нымæрдары æххуысгæнæг  Джим О’ Брайенимæ.

Гуырдзиаг дипломатимæ фембæлды кой социалон  хызаг Х-ы  фыссы  Джим О’ Брайен йæхæдæг.

«Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвилийæн куыд загътон афтæмæй,  Мюнхены  æдасдзинады конференцийыл фæлгæтты   фембæлды рæстæджы, АИШ нæбыхсгæйæ æнхълмæ кæсы  уыйимæ æмæ премьер Къобахидзейы  хицауадимæ æмгуыстадмæ 2024 азы, нæ  дыууæфарсон  ахастыты стынг кæнынæн æмæ  Гуырдзыстоны Евроатлантикон  интеграцийы  размæцыдæн», –  фыссы Джим О’ Брайен.