Джеймс Аппатурайи – Саломэ Зурабишвилийæ байхъусытон иттæг дырыс сигналтæ евро-атлантикон тырнынады фæдыл
Саломэ Зурабишвилийæ байхъуыстон тынг бæлвырд æрвитæггаг евро-атлантикон тырнынады фæдыл – уый тыххæй Кавказ æмæ Централон Азимæ НАТО-йы генералон нымæрдары специалон минæвар Джеймс Аппатурайи, Фыццаг Къаналимæ эксклюзивон интервьюйы рæстæджы райхъусын кодта.
Аппатурайи фидиуæнæй Саломэ Зурабишвили зæгъгæ йемæ фембæлды рæстæджы банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстон адарддæр кæндзæн хъæугæ реформæтæ.
«Тынг райгонд дæн Саломэ Зурабишвилиимæ фембæлдæй. Уый уыдис иттæг нысаниуæгджын фембæлд Фæнды мæ хаххгондæй банысан кæнын, цæмæй æвзæрст президент президент уыдис хорз цæттæ. Ныхас аххæссыд æдасдзинадимæ баст фарстатæм, политикон тематикæмæ æмæ НАТО-Гуырдзыстоны плæнттæм. Саломэ Зурабишвили ныридæгæн райдыдта кусын ацы фарстатыл æмæ уый тынг дзæбæх у. Фембæлдыл уымæй байхъусытон тынг бæлвырд сигналтæ евро-атлантикон тиырнынады фæдыл. Саломэ Зурабишвили дзуры, цæмæй Гуырдзыстон адарддæр кæндзæн хъæугæ реформæтæ. Саломэ Зурабишвили дзуры, цæмæй сараздзæн максимум уый тыххæй, цæмæй сæххæст уа гуырдзиаг адæмы фæнд.
Цыдæриддæр та Уæрæсемæ æххæссы, Зурабишвилимæ нæй иллюзитæ Уæрæсейы архæйдтытыл, нæдæр Гуырдзыстоны æмæ нæдæр регионы. Уый тынг дырыс у æмæ йын фидар позицитæ ис. Æнæбæрæг ницы у. Райгонд æмæ ацы æрвитæггагæй æздæхын Брюссельмæ.
Саломэ Зурабишвили тынг тагъд уыдзæн сæйрагкамандыгæнæг. Уый фæныхас кодта фембæлдыл реформæтыл, кæцытæ хъахъъæнынады сферæйы цæуынц æмæ æнæмæнгæй адарддæр уыдзысты. Мах алкæй дæр фæнды фылдæр НАТО Гуырдзыстоны, æмæ фылдæр Гуырдзыстон НАТО-йы. Ацы æрдгæй кæсæм иумæйаг фæлтæрæнты æмæ бæрзонд æвмæзады визиттæ. АДарддæр кæндзыстæм Сау Денджызы æдасдзинадыл Гуырдзыстонимæ активон кусын» – фехъусын кодта Джеймс Аппатурайи Фыццаг Къаналæн.