Джейк Салливан – а.х. референдумтæн уыдзæн фæстиуæг, кæцы йæ хъуыдыйы дары уæлæмхас санкциты фæкарз кæнын
Уæрæсейы оккупацигонд Украинайы территоритыл а.х. референдумтæ ауадзыны фæстæ АИШ Уææрæсейæн уæлæмхас санкцитæ сфидар кæндзæн. Æмбæлгæ фидиуæн националон æдадсзинады фарстаты АИШ-ы президенты уынаффæгæнæг Джейк Саливан телекомпани «Энбисиимæ» интервьюйы сарызта.
«Стыр авды бæстæты лидертæ ахæлиугонд фидиуæны сбæлвырд кодтой, цæмæй а.х. референдумтæн уыдзæн фæстиуæг, кæцы йæ хуъыдыйы дары уæлæмхас санкциты фæкарз кæнын. Сæрмгаондæй та, санкцион номхыгъдмæ хаст уыдзысты юридикон уæнгтæ æмæ компанитæ, сæ нымæцы Уæрæсейы фæсарæнты, кæцытæ разы сты «референдумимæ». Сымах уый фендзыстут æввахс бонты», – банысан кодта Салливан.
Джейк Салливаны дзырдæй, АИШ-ы хицауад дарддæр кæны партнертимæ кусын, цæмæй Украинамæ лæвæрд уа нырыккон танктæ æмæ æндæр хæстæрмæджытæ.