Дзамашвили Бека – 2003-2012 азты æрдæгæй фылдæр хæлдтытæ хаудысты царды бартæм, æфхæрдмæ
Дзамашвили Бека – 2003-2012 азты æрдæгæй фылдæр хæлдтытæ хаудысты царды бартæм, æфхæрдмæ

Юстицийы министры хæдивæг Дзамашвили Бека Страсбургы тæрхондоны адæймагы барты быцæудзинады фæдыл фæныхас кодта  2003-2012 æзты хицауады архайдтытæ иртасæг фæдагурæн комисы рабадтыл.

Дзамашвили Бекайы ныхасмæ гæсгæ, 2003-æм æмæ 2012-æм азты ‘хсæн цы хæлдтытæ æрцыд, уыдонæн сæ æрдæгæй фылдæр хауынц сеппæтæй уæззаудæр статьятæм, цард æмæ хъизæмæртты бармæ.

Дзамашвили Бека къамисы рабадтыл цалдæр цæвиттон æрхаста, се æхсæн Очигавайы хъуыдтаг дæр.

«Ацы рæстæджы æвдыст æрцыд царды æмæ æфхæрды барты хай». Æхсæнад зоны ахæм цаутæ, куыд: Гиргвлианийы хъуыддаг, Кортыты операцийы хъуыддаг, Навтлугъы операцийы хъуыддаг æмæ ахæстоны змæстыты хъуыддаг. Уыдон сты ахæм цаутæ, кæцыты Европаг тæрхондон сбæлвырд кодта царды барты комкоммæ хæлд. Очигавайы хъуыддаг дæр уыдис æвдисæн, фæзминаг цау æфхæрды фадыджы, уымæн æмæ æнæхъæн системæ аргъгонд æрцыд Очигавайы хъуыддаджы. Уый уыд ахæм цау, цыран Европæйы тæрхондон спайда кодта ахæм терминæй, цæмæй хъизæмар уыд системон. Ома, æппæт системæйæн дæр характерон чи уыд æмæ иу хатт чи нæ æрцыд, фæлæ системон æгъдауæй дарддæр чи цыд, ахæм цыдæр. Очигавайы хъуыддаг æрмæст æфхæрды методтæ нæ æвдисы, кæцытæй спайда кодтой курдиатдæттæгæн йæхи ныхмæ, фæлæ ма, уæрæхдæрæй, ахæстоны æххæстгæнæн системæйы æвæрд системон ахаст дæр. Уырдыгæй райдайгæйæ, ахæстоны бадæг фыццаг хатт куы бацыд æфхæрæн системæмæ, уæд цавæр методтæй пайда кодтой уый саразынæн? Уыдис дзы, карантины райст кæй хуыдтой, ахæм, лæдзгуытæй  цæгъдын. Ахæсттæн сæ камерæты лæууæн бынат нæ уыд, фынæй кæныны фадат сын нæ уыд, ныхас кæнын сын нæ уагътой æмæ афтæ дарддæр. «Очигавайы хъуыддаг йæхæдæг уыд уникалон, уымæн æмæ адæймаг бацыд æнæнизæй æмæ системон æфхæрды фæстиуæгæн, уый реалонæй разынд куыд инвалид адæймаг», – загъта Дзамашвили Бека.